«Æвзарын базонæм». Фæсивæдон проектты æртыккаг æппæтуæрæсеон æркасты уæлахиздзауты ‘хсæн ис республикæйы фæсивæды æвзарæн къамисы сæрдар Гуыриаты Дианæ.
Йæ конкурсон куыст хуыйны «Электоральная команда Алании. 2 сезон». Проект банымадтой хуыздæрыл номинаци «Электронный электорат-ы». Æркаст «Æвзарын базонæм» бацæттæ кодтой сæрибар æвзæрстыты Уæрæсейаг фонд, бæстæйы центрон æвзарæн къамисы æххуысæй. Йæ архайджытæ систы фæсивæдон æвзарæн къамисты уæнгтæ æмæ æхсæнадон куыстуæтты бархионтæ. Финалмæ рахызтысты 56 адæймаджы æмæ бæстæйы 33 субъекты.
















