Хæрзарæзт объекттыл æртыккæгæм æппæтуæрæсеон онлай-хъæлæскæнынад райдыдта 15-æм апрелы. Хыгъд снысан кодтой цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ.
Бынæттæ мæй æмæ æрдæг æвзарæн уыдзæн сæрмагонд электронон платформæйы. Михаил Мишустин куыд фæнысан кодта, афтæмæй мадзалы тыххæй хъусынгæнинаг хъæуы апарахат кæнын, цæмæй цæрджытæн фадат уа сæ цæрæнбынæттæ аивдæр скæнын. Цæгат Ирыстоны æвзæрстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй йæ телеграм каналы радзырдта Сергей Меняйло. Республикæйы хыгъдмæ бахастой 59 æхсæнадон бынаты. Фылдæр хъæлæстӕ цы объекттæ сæмбырд кæной, уыдон саив кæндзысты фидæны аз. Сæргълæууæг программæ схуыдта хъомысджын. Йæ фæлгæты сног кодтой Алагиры парк, Æрыдоны та базылдысты цæугæдоны былгæрæттæм. Æмткæй райсгæйæ, ивгъуыд аз сног кодтой 42 æхсæнадон фæзы æмæ 74 хæдзары кæрты. Ацы аз ноджы базилдзысты 41 æхсæнадон зонæмæ – уыдон сты, ивгъуыд аз адæм кæй равзæрстой, уыдон.
















