“Согрей солдата” организацийы дарддæр цæуы æнтыстджын æмæ хъæугæ архайд. Æмæ кæд Ног азы бæрæгбæттæ æмæ фæлладуадзæн бонтæ уыдысты, уæддæр бархионтæ арæзтой акъоппы цырæгътæ. Æдæппæтæй сын рауадысты 30. Ныртæккæ, уазал боныхъæды, сты æппæтæй ахсджиаг, хъæугæ дзауматæ. Уымæй уæлдай ма бархионтæ хуыйынц эвакуацийæн хъæугæ гарзтæ, бийынц сусæггæнæн хызтæ, сæрмагонд хъæццултæ. Бархионты ныхæстæм гæсгæ, алы дзаумæйы дæр бавæрынц сæ уды хъарм, зæрдиагæй йыл бацархайынц æфсæддонтæн лæварæн.
















