Уæрæсейæгтæм æнхъæлмæ кæсы дыууæ цыбыр кусгæ къуырийы. Æрмæст 3 фæллойадон боны кæм ис, ахæмтæ. Уый фæстæ та 4 боны – фæлладуадзæнтæ. Уыимæ райсом, бæрæгбоны агъоммæ бон кæй у, уый тыххæй кусгæ бон у иу сахат цыбырдæр.
Улæфæн бонтæ уыдзысты 1-æй 4-æм маймæ. Ног къуыри дæр уæрæсейæгтæ куысдзысты фыццаг æртæ боны, 8-æй 11 майы онг та кæндзысты улæфгæ. Æдæппæтæй майы ис 18 кусгæ боны æмæ 13 та фæлладуадзæнтæ. Ацы информаци у нысангонд къæлиндарæй, кæцы сфидар кодта бæстæйы хицауад. Хæстæгдæр рæстæг ма цыбыр кусгæ къуыри нæ бæстæйы цæрджытæн уыдзæн июны. Уый баст у Уæрæсейы бон бæрæг кæныны мадзæлттимæ – 12 æмæ 13-æм июнь уыдзысты фæлладуадзæн бонтæ.
















