Хæстæгдæр дыууæ къуырисæры Цæгат Ирыстоны цæрджытæн уыдзысты фæлладуадзæн бонтæ. 17-æм ноябры республикæйы райдайдзæн Лæгты Дзуармæ кувæн къури. Уымæ гæсгæ нымад æрцыд æнæкусгæйыл.
Сæрмагонд уынаффæ бафыста регионы разамонæг Сергей Меняйло.
Фæлладуадзæн бонæй ма баззайдзæн 24-æм ноябрь дæр. Зæгъын, ма хъæуы уый, æмæ 17-æм ноябрь фæлладуадзæн бон снысан кæныны курдиатимæ сæргълæууæгмæ фæсидт “Аланты ныхас”.
















