Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд «Уæрæсейы æфсæн фæндæгты» генералон директоры хæдивæг Андрей Старковимæ.Æмбырды сæйраг фарста уыд Дзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн заводмæ ног ивддзинæдтæ баххæсын.
Куыстуат ныртæккæ пъланмæ гæсгæ 2018 АЗЫ куыстытæ кæронмæ æххæст кæны. Азы кæронмæ сцалцæг кæндзысты 44 вагоны. Битарты Вячеслав куыд зæгъы, афтæмæй завод 400 адæймагæн дæтты кусыны фадат, уымæ гæсгæ хъуамæ æнæкъуылымпыйæ куса. Уымæй уæлдай ма бафиппайдтой, кустуатæн социалон аххастдзинад кæй ис, æмæ уымæ гæсгæ компанийы дæр фæнды цæмæй дæрддæр йæ куыст æххæст кæна.
Æмбырды рахастой завод сног кæнынæн инвестициты бæрц сбæрæг кæныны уынаффæ.
















