preloader
сейчас в эфире
11:32
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
11:40
ПО ФАКТУ 12+
12:00
ВРАЧ ОТ БОГА. СВЯТИТЕЛЬ ЛУКА КРЫМСКИЙ 16+
13:00
ХАБӔРТТӔ 12+
13:15
АИВАДЫ ФÆЗ 12+
14:40
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Хъарман-Сындзыхъæуы скъолайыл сæххæст 100 азы

17.05.2024 13:49

Атайты Аннæ мидбылхудгæ лæмбынæг кæсы скъолайы альбомтæм. Æхсызгонæй агуыры йе ‘мкъласонты уарзон цæсгæмттæ. Мæнæ уал иннæ къласæй Иринæ ссардта, дарддæр химийæ йæ хуыздæр ахуыргæнæг. 43 азы рацыдис. Раст цыма знон уыд скъолайы рауагъдон, цыма йæ хæлæрттимæ хæрз æрæджы тагъд кодтой уроктæм, сæхи цæттæ кодтой фæлварæнтæм.

Скъолайы 100 азы юбилеймæ Атайты Аннæ сæрмагондæй Мæскуыйæ ссыд. Æхсызгонæй æрзылд скъолайы къуымты, уарзон кълæсты. Æрымысыд йæ æрыгон æнæмæт бонтæ. Скъолайы юбилей сбæрæг кæнынмæ æрбацыдысты хъæуы цæрджытæ. Уыдонæй се ‘ппæт дæр сæ дыккаг хæдзарыл нымайынц.

Скъола кусын райдыдта суанг 1924-æм азы. Уæдæй нырмæ рауагъта къорд фæлтæртæ. Ам фæсивæдæн æххуыс кæнынц сæ царды фæндаг ссарынмæ. Ахуыргæнджытæ, дохтыртæ æмæ спортсментæ. Сæ иу — Салхъазанты Таймураз – дунейы чемпионатты призер, Европæйы цыппар хатты чемпион. Йæ райгуырæн хъæуы йæм ныр æнхъæлмæ кæсынц олимпаг майданимæ.

Сындзыхъæуы скъолайы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой концерт. Кæфтытæ, театралон равдыстытæ æмæ зарджытæ. Дарддæр кадджын уавæры бакастытæ скъола, хъæу æмæ республикæйы ном чи айхъуысын кодта, уыдоны нæмттæ. Ацы бынат скъолайы рауагъдонтæн у зæрдæйæн уарзон, скъолаимæ у баст сæ цард. Бирæтæн сæ бон не сси бæрæгбоны уæвын. Фæлæ зæрдæйæ уыдысты ам. Инæлар-лейтенант, Уæрæсейы хъайтар Миндзайты Михаил æрбарвыста телеграммæ. Арфæйы ныхæстæ бакаст скъолайы директор.

Юбилей æнæмæнг хорз фадат у скъолайы хъæздыг истори æрымысынæн. Сындзыхъæуæн бæрæгбон у иумæйаг æмæ ахсджиаг бон, сæйрагдæр та сæ истори.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон, хъазахъхъæгты æхсæнады 30 азы æмæ ирон цыхты хуызтæ | Йæ рæстæгыл
30.06.2026
Управляющие компании | По факту
30.06.2026
Алла Абиева I Профессиональный путь
30.06.2026
Социалон хызтæ I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
30.06.2026
Лето в самом разгаре I Самое время
29.06.2026
Один из способов изготовления кобанских металлических предметов I Ossetica
29.06.2026
Прощание со школой! I Доброе утро, Осетия!
29.06.2026
В итоге: 28.06.2026
28.06.2026
Недоношенные дети I Медикум
28.06.2026
Хуыриаты Валерий | Аивады фæз
27.06.2026
Вторая жизнь любимых песен | В своём кругу
27.06.2026
Виталий Сланов I По большому счету
26.06.2026
Артаг, Тугъанты Махарбеджы мысæн бон æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы ног цыртдзæвæн I Йæ рæстæгыл
26.06.2026
День молодежи I Доброе утро, Осетия!
26.06.2026
Топливный кризис в России I Бизнес сфера
25.06.2026
Все рекомендуемое