Йæ уæлæ — урс куатæ, йæ къухы — къухсæрфæн. Йæ фыццаг кукла æрмдæсны бахуыдта 5 азы размæ. Сразæнгард æй кодта йæ сыхаг. Коллекцийы мидæг — хуымæтæг ирон сылгоймаджы сурæт, рæсугъд дарæс æмæ сыгъзæрин фæлындæнтæ. Ацы сфæлдыстадон архайды Хъесаты Маргаритæ ныллæууылд 2018-æм азы. Фыццаг хуымæтæг зæрдæрард уыди. Нымæтыл сынчтытæ кодта æмæ иу дзы куы цымыдисаг сырд, куы зазы хъазæн рауад.
Маргаритæйы курдиатæн уайтагъд аргъ скодтой куыд хиуæттæ, афтæ хæлæрттæ дæр. Æмæ цыбыр рæстæгмæ йæ зардæрард сындæггай райрæзт, æхсызгонæй кæуыл архайы æмæ йын æфтиаг чи хæссы, ахæм хъуыддагмæ. Абон æрмдæсныйы куыстытæ хъуыстгонд сты канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Уæрæсе æмæ суанг фæсарæнты дæр. Сæ уидæгтæ бахъахъхъæнын кæй фæнды, уыдоны ‘хсæн.
Кукла саразын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Арæхстдзинадæй уæлдай дзы хъæуы традицитæ зонын дæр. УЫмæй уæлдай, хæрзхъæд нымæт равзарын, лыстæг нывæфтыдтæ кæнын, хуыздæр аивгæнæнтæ ссарын. Ацы лыстæгдзинæдтыл сылгоймаг архайы зæрдæргъæвдæй.
Иу хъазæн саразынæн бахъæуы 2 боны. Æдæппæтæй, йе сфæлдыстдадон куысты æмгъудмæ, Маргаритæ саразта мин куклайæ фылдæр. Йæ фæллойæн ын арæх аргъ скæнынц алыхуызон рывдыстыты. Йæ бирæ куыстытæ æвæрд сты Æрмдæсныйады центры дæр.
Хъесаты Маргаритæ æнæвгъауæй раргом кæны йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ, саразы мастер-класстæ. Уымæй уæлдай, йæ фæллойы фæсджиуджытæ фенæн ис йæ хæдзары къуымты дæр. Нывæфтыд базтæ, æнахуыр бандæттæ æмæ дивантæ. Алы къуымы дæр ахъартта æрмдæсныйадмæ уарзондзинад. Маргаритæйы къухтæй конд уникалон куклатæ сты национ сæрыстырдзинады нысантæ. Уымæй уæлдай та ма — аив лæвар.
















