Æнусы æмбис “æгас цæут”-ы ныхæстæ, сывæллæтты цымидис цæсгæмттæ, зæрдæйæн уарзон æмæ хъарм агъуыстытæ. Æвæццæгæн, æмæ зын зæгъæн у Хетæгкаты Беллæ 50 азмæ цал фæлтæры схъомыл кодта, уый. Фæлтæртæ ивынц, фæлæ æнæивгæ у иу хъуыддаг — сабитæм æгæрон уарзондзинад.
Кæддæриддæр мидбылхудгæ æмæ хорз зæрдæйы ахаст. Куысты мидæг æвæллайгæ æмæ дæсны специалист. Куыд ахуыргæнæг, афтæ домаг, фæлæ уыцы-иу рæстæг раст. Ахæмæй Хетæгкаты Беллæйы зонынц Костайыхъæуы скъолайы. Кæддæр ацы ахуыргæнæндоны зонындзинæдтæ иста йæхæдæг дæр. Сабибонтæй фæстæмæ фидарæй зыдта æнæмæнг ахуыргæнæг кæй суыдзæн. Йæ бæллиц сæххæст кæнынмæ æнтыстджын къахдзæфтæ кодта. 1973 азы æвзонг чызг райдыдта скъолайы кусын. 19 аздзыд ахуыргæнæджы цур кæддæриддæр уыдысты хистæр педагогтæ.
25 азы Беллæ ирон æвзаг æмæ литературæ амыдта хистæркъласонтæн. Фæстæдæр сси раидиан кълæсты ахуыргæнæг. Йæ куысты сывæллæттимæ фылдæр архайы иронау дзурын, рæзын сæм кæны мадæлон æвзагмæ уарзондзинад.
Уæвгæ, фыццаг бынаты фæлтæрдджын ахуыргæнæг æвæры сабиты патриотон хъомылад. Сывæллæтты миддуне æмбарын, бахъуаджы рæстæг сæ фарсмæ балæууын, раст фæндагыл сæ сæвæрын. Кæстæртæ та, куыд зонæм, афтæмæй зæрдæйы уаг хорз æмбарынц.
Ацы кълас Хетæгкаты Беллæйæн уыдзысты йæ 12 рауагъдонтæ. Уæвгæ, се ‘хсæн уыд ахæмтæ, кæцыты иу райста 1-æм къласы æмæ-иу сæ суанг 11-æм къласмæ бахæццæ кодта. Йæ рауагъдонты фæндаг æмæ къахдзæфтæ Беллæ се ‘ппæтæн дæр зоны, цин кæны сæ æнтыстдзинæдтыл, хъыг кæны сæ зындзинæдтыл.
Æнтыстджын æмæ удуæлдай куысты фæдыл Хетæгкаты Беллæ хорзæхгонд æрцыд Кады гæххæттытæй. Фæлæ йе стырдæр лæвар ахуыргæнæгæн сты йæ ахуырдзауты æнтыстытæ. Стыр æвæрæн бахаста Къостайыхъæуы фæсивæды аккаг хъомыладмæ. Абон дзы уыдон сты стыр бузныг. Йæ дæсныйад — йæ царды нысан, Хетæгкаты Беллæ абон дæр цырагъау судзы йæ кæстæртæн æмæ сын не ‘вгъау кæны йæ зонындзинæдтæ.
















