Абон,15-æм октябры ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæххæст 167 азы. Ирон аргъуаны кæрты номдзыд поэты ингæныл дидинджытæ сæвæрдтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло, Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, хицауады æмæ æхсæнады уæнгтæ, скъоладзаутæ. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй, Къоста ирон адæмæн у рæстдзинады, Райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинады символ.
Дидинджытæ бахастой Ирон театры цур Къостайы цыртдзæвæнмæ дæр. Мысæн м адзæлттæ цæуынц республикæйы алы районты. Йæ рухс ном ын ссардзысты йæ райгуырæн хъæу Нары дæр.
















