Хетӕгкаты Къостайы ном Ирыстоны алкӕмӕн дӕр йӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ зонгӕ у. Ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг, нывгӕнӕг, ӕхсӕнадон архайӕг. Къостайы уацмыстӕ абон дӕр фӕсивӕды разӕнгард кӕнынц зонадон куыстмӕ. Гулиты Валерия Къостайы номыл бакастыты фыццаг хатт нӕ архайы. Ныр иртæста Нарты. Чызджы ныхæстæм гæсгæ, Къостайы сфæлдыстад йæ зæрдæйы уæлдай бынат ахсы.
Афæдзæй-афæдзмæ мадзалы архайджытæ фылдæр кæнынц. Къостайы сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад республикӕйы арӕнтӕй ахызт. Сæ куыстытæ дзы равдыстой скъоладзаутæ Дагестанæй, Стъараполы æмæ Краснодары крайтæй, Кæсæг-балхъарæй æмæ Цæгат Кавказы æндæр республикæтæй.
Загътой, мын, зæгъæгæ, ацы мадзалы бацархай æмæ мæм цымыдисаг фæкаст, сразæнгард дæн, æнæмæнг мæ фæнды иннæ аз дæр архайын.
Ӕвзонг иртасджытӕ куыстой цалдӕр секцийы: ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ, бӕстӕзонад, Цӕгат Кавказы адӕмты сфӕлдыстадон хæзнатæ. Сӕ цымыдисдзинад у, Къостайы бынтӕ æнустæм кӕй цӕрдзысты, уымӕн хуыздӕр ӕвдисӕн. Поэты райгуырды бонимæ баст «Хетагуровские чтения» ныридæгæн систы традицион. Æрвылаз ацæуынц Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы.
Наукон-иртасӕн бакастытæ фӕсивӕды разæнгард кæнынц мадæлон æвзаг зонынмæ, парахат кæнынц, сӕ уацмыстӕ национ культурон хæзнатæ кӕмӕн баисты, уыцы номдзыд поэттимæ.
















