Хъæууон хæдзарады архайджытæн компенсацийы хуызы фæстæмæ раздахдзысты, хоры культурæтæ садзгæйæ æмæ уæйгæнгæйæ цы схардз кодтой, уыцы фæрæзтæн сæ иу хай. Ацы хъуыддагæн федералон бюджетæй рахай кæндзысты 10 млрд сомы.
Æхцайæ аграриты бон спайда кæнын уыдзæн хортауæн куыстыты размӕ дæр. Рагацау сæ бон уыдзæн балхæнын, цы снысан кодтой, уыдæттæ. Ацы ногдзинад фæрæвдз кæндзæн æхцатæ аргаритæм хæццæ кæныны хъуыддаг. Афтæмæй, бæстæйы хицауады фæнды хъæууон хæдзарады архайджытæн зын экономикон уавæры сæ фарсмæ балæууын. Ацы аз президенты уынаффæмæ гæсгæ къабаз райсдзæн 150 млрд сомы.
















