Абон æгас дунейы бæрæг кæнынц доноры бон. Бæрæгбоныл рацыд 14 азы. Арынц дзы, барвæндонæй йæ туг чи радты æндæр адæймаджы аирвæзын кæнынæн, уыдоны ном. Цæгат Ирыстоны дæр ис кадджын донортæ. Æдæппæтæй сты 1400 адæймаджы. Се `хсæн ахæмтæ дæр ис, æмæ Уæрæсейы кадджын доноры ном чи хæссы. Уыдонæй иу у Юлия Слободчикова. Ацы хæрзиуæг ын снысан кодтой, 22 азы адæмæн кæй æххуыс кæны, уый тыххæй. Сылгоймаг туг радта 48 хатты. Плазмæ та 10. Ууыл æрлæууынмæ нæ хъавы. Уæвгæ, йæ бинонтæ иууылдæр донортæ сты. Туг дæттын та æнцон хъуыддаг нæу. Хи бирæ цæмæйдæрты хъæуы хизын. Зæгъæм, туг радтыны размæ цалдæр боны, хъуамæ адæймагæн пайда чи нæу, ахæм хойраг ма хæра. Æрвылбон туджы станцæмæ æрбацæуы 30 адæймаджы бæрц. Афæдзмæ бавæййынц 10 мины. Ардыгæй туг арвитынц республикæйы рынчындæттæм.
Ме `фсымæр у Николай Слободчиков. Уый дæр кадджын доноры ном хæссы. Туг радта 55 хатты. Нæ мад дæр донор уыд. Ныр ын ахæм фадат нæй.















