Иуæндæс азы рацыд, 2008-æм азы 8-æм августы Хуссар Ирыстоны цы цаутæ æрцыд, уыдоныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Гуырдзиаг лæгсырдтæ республикæмæ кæй æрбалæбурдтой. Фæнд кодтой сабырцæрæг адæмы сæ райгуырæн зæххæй фæсурын. Ирон адæм Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй бахъахъхъæдтой сæ фыдыуæзæг. Знагæн ныхкъуырд радтой, фæлæ фæмард бирæ адæм. Куыд бынæттон цæрджытæй афтæ уæрæсейы сабырдзинадтауджытæ дæр.
Фондз боны цыд тугкалгæ хæст. Фæстæдæр августы кæрон Уæрæсе Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы банымадта хæдбар паддзахадтыл. Уыцы цаутæ никуы ферох уыдзысты, куыд Хуссары, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр. Августы хæсты цаутæ мысынц ацы бонты æрмæст Цхинвалы нæ, фæлæ Дзæуджыхъæуы, стæй Уæрæсейы æндæр горæтты цæрджытæ дæр æрымысдзысты 2008 азы цаутæ.
















