Мысæн мадзæлттæ ма абон цæуынц Мæсекуйы дæр. Уым 11 сахатыл
Чырысти ирвæзынгæныджы аргъуаны æрымысыдысты æфсæддон ныббырсты амæттæгты.
Мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны æххастбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барис, Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знаур, Мæскуйы ирон æхсæнады минæвæрттæ æмæ æндæртæ. Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ 2008 азы 8-æм август ирон адæмæн у трагедийы бон. Уыцы бон Ирыстоны истори дыууæ дихы акодта. Абон мах мысæм хъайтарты. Уыдон тох кодтой сæ райгуырæн зæххы сæраппондыл. Мысæн мадзæлттæ ма цыдысты Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны.
Знон Хуссар Ирыстоны минæварады кæрты æруагътой республикæйы паддзахадон тырыса. Мысæн акцийы архайджытæ хæсты амæттæгты номыл ссыгътой цырæгътæ.
















