Хуымæллæджы цалцæг кæнынц сывæллæтты рæвдауæндон. Аразджытæ дысвæлдæхтæй æвналынц базилинаг бæстыхаймæ. Хъуына къултæ æмæ æмбыд пъолтæ тагъд рæстæджы цæхæртæ скалдзысты. Рæвдауæндонмæ зилын райдыдтой, республикæйы сæргълæууæг бынæттон цæрджытимæ куы фембæлд, уæд уый фæстæ. Хуымæллæггæгты хъаст æнæрхъуыдыйæ нæ баззад.
Райсомæй изæрмæ ацы къултæ хойынц, хуынчъытæ сæ кæнынц æмæ сыл цыдæртæ барынц. Раст дзы арæзтадон симфонийы зæлтау куыст иу минутмæ дæр нæ сабыр кæны.
Бындурон цалцæг кæнынц Хуымæллæджы сывæллæтты рæвдауæндон. Арæзтадон быроны кæритæй бæстыхай зынгæ дæр нал фæкæны иуæй-иу хатт, фæлæ уый рæстæгмæ у. Кусджытæ йын халынц йæ къултæ æмæ йæ пъолтæ, æфтауынц зæронд рудзгуытæ æмæ дуæрттæ. Рæвдауæндоныл рацыд 30 азы, уыйбæрц рæстæгмæ йæм æххæстæй ничи базылд. Зилын та йæм хъуыд, уымæн æмæ бæстыхай бонæй-бонмæ кодта гæвзыккдæр.
Ахæм уавæр ма абон дæр, гæнæн ис, æмæ уынæг уыдаид, фæлæ иурæстæджы Хуымæллæгмæ саккаг кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Адæм уыцы фембæлды сæ хъæстытæ хицауады размæ раскъæфтой. Æмæ сæм кæдæй-уæдæй хъусæг дæр разынд.
Къорд рæстæджы фæстæ рæвдауæндоны кæрты аразджытæ æрлæууыдысты. Сæрæй-къахмæ бæстыхаймæ февнæлдтой. Ногæй йæ æрæмбæрздзысты, тæккæ ныррыкондæр æрмæджытæ цы ис, уыдонæй. Сæрмагондæй бакусдзысты зынгсирвæзтæй æдасдзинадыл. Сæ фадæттæм гæсгæ, спайда кæндзысты, ссудзын æй чи нæ бауадздзæн, ахæм химион буаргъæдтæй.
Бæстыхайы куыстытæ кæронмæ куы бакæной, уæд базилдзысты йæ алыварсы фæзуæттæм дæр. Хъуамæ сывæллæтты цæсты ахадой.
Цалынмæ уал хъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны аразджыты уынæр цæуы, уæдмæ уал сабиты сæ ныййарджытæ акæнынц сыхаг хъæутæм – Брут, Ног Бæтæхъо æмæ Беслæнмæ. Бирæ сæ нал хъæуы. Республикæйы сæргълæууæджы `рцыды фæстæ бынæттон бюджетæй лæвæрд 30 милуан сомы Хуымæллæджы рæвдауæндоны цæуыл бахардз кодтой, уый тагъд рæстæджы адæм сæхи цæстæй фендзысты.
Хъулаты Юрий
















