Ногхъæуы астæуккаг скъолайы бындурон рацарæзт та кæронмæ æрхæццæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц Алагиры районы бынæттон администрацийæ.
Социалон хызæджы куыд ныффыстой, афтæмæй бæстыхай бындуронæй сног кодтой. Суанг ма фæзуаты алыварс цы забор уыд, уый ногыл баивтой сæвæрдтой дзы ног рухсгæнæн системæ. Ахуыргæнæндоны бындурон цалцæг бакодтой Битарты Вычеславы уынаффæмæ гæсгæ. Ахæм бардзырд раздæр радта бынæттон цæрджытимæ фембæлды рæстæг.
Скъолайы рацарæзтæн æхцайы фæрæзтæ радих кодтой Уæрæсейы хицауады фæстауæрцгæнæн фондæй дæр. Куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты «Ахуырад»-ы нацпроекты фæлгæты.
















