preloader
сейчас в эфире
16:02
НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
16:15
СВЯТЫНИ РОССИИ. КУРСК 12+
17:15
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ. АРТУР КОЙБАЕВ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
НОВОСТИ ЮОГУ 12+
18:20
ОСЕТИНКИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ 12+
close

Хъызлары скъолайы кусынц профилон кълæстæ æмæ рæзты тæлмытæ

23.10.2024 14:06

Ног коридортæ, кабинеттæ æмæ хъæугæ фæзуаттæ. Сывæллæттæн ис æппæт ифтонггæрзтæ дæр, актон æмæ тренажертимæ залтæ.

Будайчиты Мæдинæ ног зонындзинæдтæ исы рæзты тæлмы медицинон къласы, фидæны йæ фæнды дохтыр суæвын. Сабийæ дæр куклатæй нæ хъазыд, арæхдæр йæ рæстæг æрвыста бынæттон рынчындоны, йæ мадмæ куысты рæстæг æнхъæлмæ кæсгæйæ. Ныр чызг ахуыр кæны профилон литературæ. Хорз æй æмбары цы фæндаг равзæрста, уый æнцон кæй нæу, уый. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у хи цæттæ кæнын.

Балаты Джабраил та равзæрста æфсæддон хъуыддаг. Афæдзы размæ ард бахордта æмæ сси æрыгон арæнхъахъхъæнæг. Кадетон къласы цæуы цæттæгæнæн ахуыртæ. Уымæй уæлдай ма, ам фæсивæдæн амонынц квадрокоптертæн разамынд дæттын, аласынц сæ арæнтæм дæр. Уым бæстонæй ахуыр кæнынц территори, мæр æмæ фæткхалджыты фæдтæ. Мæйы кæрон сæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг балц Мæскуымæ. Фембæлдзысты арæнхъахъхъæнæн æфсæдты управленийы кусджытимæ.

Ног коридортæ, кабинеттæ æмæ хъæугæ фæзуаттæ. Сывæллæттæн ис æппæт ифтонггæрзтæ дæр, актон æмæ тренажертимæ залтæ. Фæсивæд ахуыр кæнынц алыхуызон профилтæм гæсгæ. Ис дзы медицинон, педагогон, кадетон, арæнхъахъхъæнæн æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кълæстæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, афтæ æнахъомтæн уыдзæн æнцондæр фидæны дæсныйад равзарын.

Ис ма сын сæхи музей дæр. Байгом æй кодтой “Успех каждого ребенка” регионалон проектмæ гæсгæ, национ проект “Ахуырад”-ы фæлгæты. Скъолайы гæнæнтæ рæзынц. Ам фæнд кæнынц ноджы фылдæр мадзæлттæ аразан. Уый тыххæй та сын ис æппæт уавæртæ дæр.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Все рекомендуемое