Ирайнаг горæт Авхазы цæрæг Шаян Джавадийы рæхджы хуыздæр хъуамæ базоной Ирыстоны. Бавдæлд, æмæ персайнаг æвзагмæ тæлмац кæнын райдыдта ирон фысджыты уацмыстæ. Цæуы йыл æрмæст 25 азы, дзургæ та цалдæр фæсарæйнаг æвзагыл кæны. Кæддæр интернеты бамбæлд ирон адæмы тыххæй зонинæгтыл, æмæ йæ бафæндыд мах тыххæй хуыздæр базонын. Суанг ма нын райдыдта не `взаг дæр ахуыр кæнын. Уымæн ын пайда у, цы куыстмæ бавнæлдта, уый.
Хетæгкаты Къоста, Коцойты Арсен, Плиты Грис æмæ ма цалдæр фыссæджы уацмысты хъайтартæ Шаяны руаджы ныр дзурынц персайнагау дæр. Лæппу йæ хъæппæрис æрдæгыл уадзынвæнд нæ кæны. Кæй ратæлмац кæны, уыцы уацмыстæ фæстæдæр ныммыхуыр кæны йæ социалон хызæгты. Адæм æм æркастысты, уæлдайдæр персайнæгтæ æмæ ирæттæ æвзагæй кæрæдзийæн бавæййынц, зæгъгæ, чи зоны, уыдон. Ивгъуыд азы кæрон та, 28 декабры Шаян Джавади уыдис нæ телекомпанийы комкоммæ эфиры уазæг.
Архайдта программæ «Изæры рад»-ы. Йæхæдæг бæстонæй радзырдта, цы куыст кæны, уый тыххæй. Загъта, йæ хæлæртты дæр ма кæй сразæнгард кодта Ирыстоны тыххæй базонынмæ. Цæмæй ирон адæмимæ Шаян Джавадийы æмархайд уæрæхдæр кæна, уый тыххæй та йын зæрдиаг æххуыс бакодта Хуссар Ирыстоны цæрæг Джиоты Инал. Ныр дæр сæ бастдзинад нæ сафынц, уымæ гæсгæ ма рæхджы персайнагау нæ иннæ фысджытæ дæр сдзурдзысты.
















