Бирæгъ, арс, рувас æмæ æндæр сырдтæ дзурынц, зарынц ирон æвзагыл. Аив кæсынц Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ. Хъомылгæнæг Æмбалты Фатимæ ахуырадон фæрæзтæ райста ивгъуыд аз декабры кæрон. Æмæ сæ ныр æрвылбон æхсызгонæй пайда кæны.
Джызæлы сывæллæтты 8-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн дæр фæлмæн хъазæнтæ систы хорз хæлæрттæ. Ацы кусæндоны ирон æвзаджы парахатмæ уæлдай æргом здахынц, ис дзы 8 полилингвалон къорды. Мадæлон æвзаджы ахуыргæнæг Башираты Ларисæ куыд зæгъы, афтæмæй хъазæнтæ æнæмæнг пайда уыдзысты ахуырадон процессы.
Хъазæнты фæрцы сабитæн æмбарын кæнынц ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ æвзаг. Рæвдауæндонмæ сæ æрбарвитынц цæттæ фыст æрмæгимæ. Сывæллæттæ хуыздæр базонгæ сты ирон фысджыты сфæлдыстадимæ, таурæгътимæ ирон фæндырдзагъдимæ.
Мадæлон æвзагыл чи дзуры, национ тематикæ кæм ис, ахæм фæлмæн хъазæнтæ йæ æрмадзы аразы Дзалаты Элонæ. Æмткæй фæзындысты сæрмагонд проекты фæлгæты. Сæ сæйраг нысан – хъазгæйæ, кæстæрты æмхиц кæнын адæмон культурæмæ.
Цымыдис архайдмæ чызджы сразæнгард кодта йæ кæстæр хо. Бафæндыд сæ, цæмæй фæзына мадæлон æвзагыл дзурæг сырдты фæлгонцтæ. Æвзонг чызджы хъуыдымæ гæсгæ, мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны фарста æппæт Кавказы цæрæг адæмтæн дæр у ахсджиаг. Уый æмбаргæйæ, Элонæ бацæттæ кодта сæрмагонд проект. Хъазæнтæ цæттæ кæнгæйæ уæлдай æргом аздæхта сæ æдасдзинад æмæ хæрзхъæддзинадмæ. Дзургæ та скодтой ирон театры артистты хъæлæстæй.
Ирон æвзаджы хъысмæт тæссаг уавæры ис. Уымæ гæсгæ республикæйы сывæллæтты рæвдауæндæтты фылдæр хай архайы йæ бахъахъхъæны фæдыл фылдæр мадзæлттæ аразын. Сабиты уыцы бындуртыл хъомыл кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ирон æвзагыл дзурæг 200 хъазæны республикæйы рæвдауæнттæн радих кæнын ахуырад æмæ наукæйы министрадæн бахæс кодта регионы разамынд.
















