preloader
сейчас в эфире
04:30
ИРОН И Я 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
05:10
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
05:40
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ИРОН И Я 12+
close

Цæгатирыстойнаг онкологтæ систы æппæтуæрæсеон преми “Будем жить”-ы лауреаттæ

12.02.2026 15:56

Хæрзиуæг у уæззау низы ныхмæ тохы лæгдзинад æмæ ныфс æвдисыны нысан.

38 азы дæргъы йæ пациентты дæнцæгыл æвдисы — онкологийыл фæтых уæвæн ис, æрмæст æм хъæддых æмæ æнæсæттонæй фæлæу. Зæнгионты Эдуард низ дзæбæх кæнынæй уæлдай рынчыны бауадзы къухтæ ма ‘руадзыны ныфс. Æмæ дзы цалынмæ сомбон феныны рухс судзы, уæдмæ медицинæйæн дæр алæмæт сфæлдисыны гæнæнтæ ис. Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй йæ тыхджындæр æмцæдисон у æмбылды фæуын кæй нæ фæнды, уыцы пациент. Уымæн æмæ цард кæддæриддæр йæ сæраппонд тох кæныны аргъ у.

“Дохтыримæ ныхас дæр терапийæ уæлдай нæу”, — зæгъынц пациенттæ. Эдуард ахæм дзырдтæ ссары, æмæ адæймаг æнæниз цардмæ фыццаг къахдзæфтæ акæны. Йæ ныййарджытæ кæд ахуыргæнджытæ уыдысты, уæддæр æй сывæллонæй дæр зыдта — суыдзæн дохтыр. Фæндыд æй йæ фыды ‘фсымæр, республикæйы зындгонд хирургы бафæзмын. Афтæмæй бирæ азтæ снывонд кодта сæр æмæ къубалы рæсыдты хайады зын куыстæн. Фæстæдæр сси ацы здæхты æппæтуæрæсеон советы уæнг. Æмæ йæхæдæг хирургийы хайады сæргъы ныллæууыд.

Фидæны уæлдæр категорийы хирург æмæ сгуыхт дохтыры, мединституты рауагъдон уæвгæйæ, специализаци равзарын хъуыди. Интернатурæйы рæстæг бамбæрста, фыдрæсыды аххосæгтæ бæрæг кæнын æмæ йæ дзæбæх кæныны терапийы ног мадзæлттæ агурын кæй фæнды.

цы аз Зæнгионты Эдуард сси преми “Будем жить”-ы лауреат. Хæрзиуæг у уæззау низы ныхмæ тохы лæгдзинад æмæ ныфс æвдисыны нысан. Ассоциаци “Здравствуй!” 8 азы дæргъы æргом кæны онкологийы ныхмæ тохгæнæг дзæбæхгæнæндæттæ æмæ дохтырты нæмттæ.

Уæззау низимæ тохы удуæлдайдзинад æвдисы Тобойты Давид дæр. Хирург бæрæггонд æрцыд “Хистæр карæн хуыздæр онкологты” номинацийы. Дохтыр суа æви нæ, ууыл хъуыды дæр никуы акодта. Сабийæ фæстæмæ медикты ‘хсæн, уæвгæйæ, æндæр цардвæндаг никуы уыдта.

Премийы уæлахиздзауты ‘хсæн сывæллæтты онкологтæ дæр. Сæрмагонд номинацийы рамбылдта сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны онкогематологийы хайад дæр.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Все рекомендуемое