Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театрыл абон æххæст кæны 85 азы. 1935 азы 10 ноябры фыццаг хатт йæ æмбæрзæн байгом кодта. Уæд бындур æвæрд æрцыд, театр абон сæрыстыр кæмæй у, уыцы хуыздæр традицитæн, æмæ сæ уæдæй нырмæ артистты фæлтæртæ æххæст кæнынц æнувыдæй.
Бирæ азты дæргъы театры сценæмæ амонды æнкъарæнтимæ цыдысты, ирон аивадæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы номдзыд артисттæ: Тæбæхсæуты Бало, Хъæрджынты Варя, Уататы Бибо, Баллаты Валодя æмæ бирæ æндæртæ. Театры размæ цы егъау хæстæ лæууы, уыдон хорз æххæст кæнын йæ нырыккон фæлтæр дæр.
Кæд эпидемиологон уавæр ныртæккæ хуздæртæй нæу, уæддæр удуæлдай куыст кæнынц. Театры репертуары ис зындгонд спектакльтæ: «Хъæздыг хæдзар», «Фатимæ», «Æрдхорд æфсымæртæ», «Ричард 3» æмæ бирæ æндæртæ. Ныртæккæ æрыгон актертæ цæттæ кæнынц легендарон пьесæ «Пæсæйы фæндон».
















