Æркаст «Вкус России»-йы Цæгат Ирыстон равæрдзæн йæ продукци. Архайджыты размæ рахæсдзысты ирон чъиритæ. Куыстуат «ДА» кусы ирон чъиритæ салд хуызы уадзыныл. Сæ продукци адæмы хсæн у хъуыстгонд куыд нæ республикæйы, афтæ æндæр регионты дæр. Фылдæр хабæрттæ радзурдзæн не сфæлдыстадон къорд.
Ирон чъири райдайы гаххæй. Ам архайын хъæуы къухтæй. Афтæмæй хойраг рауайдзæн хæрзаддæр. Кæд уыцы иу рæстæг афыцын хъæуы 200 чъирийы, уæддæр сæйрагдæр у, цæмæй дзадджын уæливыхтæ хæдзарон ад кæной. Ирон цыхтмæ бафтауынц ссад æмæ цæхх. Уый фæстæ йӕ хЬӕуы хӕрзӕзмæст скӕнын.
Дарддæр цыхтæй æмæ ссадæй скæнынц мæнæ ахæм тымбылæгтæ. Ам гаххæ æвгъаугæнæн нæй. Алцыдæр сæрмагонд рецептмæ гæсгæ. Гаххæ у цæттæ. Ныр ис хыссæмæ дæр рахизӕн. Уымæн дзуапп дæтты хыссæгæнæг. Хъацæнтæ бирæ: 34 кг ссад, 2 кг æнхъизæн, 24 айчы, 8 литры æхсыр æмæ 12 литры дон. Æппæт уыдон хъæуы азмæнтын æмæ банхъæлмæ кæсын, цалынмæ хыссæ ссæуа.
Дарддæр æппæты адджындæр æмæ цымыдисагдæр хъуыддаг. Гаххæ хыссæйы бавæрынц, уый фæстæ йæ атъæпæн кæнынц æмæ – пецмæ. 300 градусы температурæимæ чъири фыцынц 10 минуты.
Дарддæр æнæмæнг дегустаци. Ирыстоны уымæй дисы никæй бафтаудзынæ, фæлæ компани «Да»-йы коллективæн уый рауад.
Ныр тæвд чъиритæ æруазал кæндзысты, уый фæстæ та сæ ныссæлын кæндзысты. Уазалгæнæн камерæйы 40 градусы уазалы сӕ фæдарынц сахаты æрдæг. Кæронбæттæн къæпхæны хойраг къоппыты бавæрынц. Батухынц сæ фирмæйы этикеткæйы. Фæхæццæ сæ кæндзысты – Цæгат Кавказ, Съарапол æмæ Краснодары крайтӕм, Санкт-Петербург, Мæскуы æмæ ма суанг Норильскмæ.
Ирон чъиритæ ацы куыстуат равæрдзæн регионалон брендты националон конкурсы «Вкусы России». Йæ аразæг – нæ бæстæйы хъæууон хæдзарады министрад. Нæ республикæ балæвæрдта 4 курдиаты. Ирон æмæ Алайнаг цыхтытæ, Ирон æмæ Алайнаг уæливыхтæ.Финалмæ рацæудзæн 22 бренды. Уæлахиздзауыл та банымайдзысты, нæ бæстæйы цæрджытæ æппæты фылдæр кæуыл схъæлæс кæной, уый. Конкурсы фӕуæлахизæн уӕвынӕн ис йæхи пайдайаг миниуæг.
Мадзалы сæйраг хæс – фæлхасгæн джыты базонгӕ кӕнын Уӕрӕсейы алыхуызон хæринæгтимæ. Регионалон куыстуæтты райрæзтæн конкурс у пайда. Цæгатирыстойнаг продуктыл схъæлæс кӕныны фадат ис алкæм æндæр.
















