Тæбæхуаты Балойы номыл ирон академион театры абон байгом кæндзысты ног сезон. Театрдзауты рæгъмæ рахæсдзысты премьерæ, спектакль «Ричард III»-æм.
Пьесæ равдисынмæ цæттæ уыдысты мартъийы мæйы, фæлæ коронавирусы хæцгæниз кæй парахат кæны, уый тыххæй йæ аргъæвтой. Театры знон айхъуыст æнкъард хабар. Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны адæмон артист Бытъæты Роберт. Уый дæр спектаклы архайдта. Къордимæ иумæ æнхъæлмæ касти премьерæмæ.
Адæмы рæгъмæ «Ричард III»-æм рахæсдзысты абон, изæры 7 сахатыл.
















