Тæбæхсæуты Бало, Хуыгаты Геор, Уататы Бибо: Ирон театр æмæ кинойы мэтртæ. Ныр сæ сурæттæ горæты цæрджытæ æмæ уазджыты зæрдæтæ рухс кæндзысты. Сфидауын кодтой Ирон театры разуынд.
Фæзминаг хъæппæрис разынд зындгонд хирург Кудзаты Хъазыбегмæ. Проект сæххæст кæныныл ацыд æртæ къуырийы. Культурæйы министрад æмæ театры разамынд ацы хъуыдыимæ куыддæр сразы сты, афтæ йæ сæххæст кæнынмæ бавнæлдтой.
Портреттæ гыццыл не сты. Сæ бакæнын дæр æнцон нæу. Сæрмагонд техникæ батæрæн дæр нæ уыд театры кæртмæ. УЫй тыххæй баннертæ ауындзынмæ бавнæлдтой промышленнон альпинисттæ.
Ацы цау баст у Ирон театры 90 азы юбилеимæ. Портреттæ ивдзысты алы æртæ мæй дæр. Баннертыл уыдзæн театры сценæйыл абон чи хъазы, уыцы актерты къамтæ дæр.
















