Зындгонд аргъау «Золушка»-йы хъайтартæ сдзырдтой иронау. Чысыл аивадуарзджытæн абон уыд премьерæ феныны фадат. Ирд декорацитæ сывæллæтты ахуыдтой алæмæты дунемæ. Ирон театры сценæйы спектакль цæудзæн 30 декабрьмæ.
Ирон театры адæмæй къахбавæрæн нæй. Стырæй-чысылæй æрбацыдысты бæрæгбоны размæ рæсугъд æнкъарæнты уацары бахауынмæ. Æмæ сын бантыст. Цалынмæ спектакль нæ райдыдта, уæдмæ уазджытæн заз бæласы алыварс сарæзтой чысыл равдыст. Афтæмæй, цалдæр мæйы дæргъы театры сценæйыл удуæудайæ цы спектаклыл куыстой, уый ныр театрдзауты размæ рахастой.
Золушкæ… Ацы чызджы хъысмæт бирæтæн йæ сабибонтæй фæстæмæ у зонгæ. Фæлæ ныр ирон адæммæ йæ фæлгонц фæхæстæгдæр. Уый та уый тыххæй æмæ ирон театры актрисæ Ольга Земеровайы фæрцы иронау сдзырдта. Уæвгæ, спектакльмæ цæттæгæнæн рæстæг йæ сурæты Ольгæ ирон чызджы сæйраг миниуджытæ дæр ссардта.
Режиссер Хъæцмæзты Ацæмæзæн театры йæ фыццаг куыст нæу. Бæлвырддæр та – фæндзæм. Дзырдæн зæгъæм, ацы спектаклыл, æмткæй райсгæйæ, куыстой æртæ мæйы. Уый та уый тыххæй, æмæ аргъауыл цы стыр хъомыладон хæстæ æвæрд ис, уыдон чысыл театрдзаутæм куыд хуыздæрæй кæй хъуыд фæхæццæ кæнын. Уый та уæлдай бæрнонидзинад у.
Режиссер уацмысыл кусгæйæ архайдта спектаклы ныры дуджы тæваг бауадзын. Залы азæлыд нырыккон музыкæ дæр. Уæдæ дзы сæйраг рольты дæр ахъазыдысты æрыгон æмæ курдиатджын актертæ. Уæвгæ дзы, раздæрау, фæрсæй-фæрстæм æмгуыст кодтой цалдæр фæлтæры актертæ. Уыдоныл æвæрд уыд аргъауы сæйраг мидис раргом кæныны хӕс.
Шарль Пьеройы уацмыс ирон театры сценæйыл æвдисдзысты 30 -æм декабры онг. Бæрæгбоны агъоммæ ацы аргъауы хуымæтæг æцæгдзинад кæй фæнды, банкъарын, уыдонæн ахæм гæнæн уыдзæн.
















