Хициуады уæнгтæ æмæ аварион службæтæ Ног азы каникулты хæсдзысты рад. Уый тыххæй Сергей Меняйло фехъусын кодта аппаратон æмбырды рæстæг. Бабар кодта радхæсджыты хыгъд снысан кæнын, бабар сæ кæнын хицæн адæймæгтæн. Уæлдай æргом аздахын хъæуы энергетикæ æмæ цæрæнуæтты -коммуналон хæдзарады куыстуæттæм.
Мидхъуыддæгты æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты специалистæ æдасдзинад хъахъхъæндзысты ног азы æхсæв æмæ бæрæгбæтты рæстæг. Æмбырды ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ӕххуысцух, бирæсывæллонджын бинонты сабитæ, уымæй уæдай цудыд æнæниздзинадимæ, сидзæртæ æмæ мобилизацигонд адæмы сывæллæттæн бацæттæ кодтой ног азы мадзæлттæ. 25 мин сывæллонæй фылдæр ногбоны лæвæрттæ райсдзысты республикæйы сæргълæууæджы номæй. Æмбырды архайджытæ ма дзырдтой фидæны азмæ проекттæ æмæ пълæнттыл.
Министртæн бабар кодтой объекттæн бацæттæ кæнын æмбæлгæ гæххæттытæ 2023-æм азы къæпхæнгай сæ райрæзты програмæйыл архайынæн. Æмткæй райсгæйæ, сты 170. Сергей Меняйло бабар кодта зæронд трамвайтæм базилын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæмæ ныридæгæн фæхæццæ кодтой æртæ ног трамвайы. Фидæны аз ма сыл бафтдзæн 28 вагоны.
















