preloader
сейчас в эфире
17:54
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ 12+
Смотрите Далее
18:15
ФÆД 12+
18:40
ПОДРОБНЕЕ 12+
19:00
ХАБÆРТТÆ 12+
19:30
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ 12+
20:30
БИЗНЕС СФЕРА 12+
ТВ ПРОГРАММА
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ 12+
close

Ирыстоны сабитæн балæвар кодтой «Ногдзау»-ы ног номыртæ

17.12.2019 15:29

Акци сарæзтой нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй.

Æххуысцух æмæ бирæсывæллонджын бинонты сабитæн балæвар кодтой «Ногдзау»-ы ног номыртæ. Акци сарæзтой нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Уый руаджы фылдæр сабитæн фадат фæцис журналы цымыдисаг æрмæджытæ бакæсын. Афтæмæй уыдон æмхицдæр кæнынц сæ мадæлон æвзагмæ. Ирон традицитæ æмæ бæрæгбæтты тыххæй сæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæнынц. Фæстаг азты журналы хуыз зынгæ аивта хуыздæрырдæм. Уымæ гæсгæ, канд сабитæ нæ, фæлæ сæ ныййарджыты дæр цымыдис кæнынц йе`рмæджытæ.

Гуыриаты Георгий ахуыр кæны Дзæуджыхъæуы 11 скъолайы 7-æм къласы. Йæ мадæлон æвзаг бирæ уарзы. Архайы иронау фылдæр чингуытæ æмæ журналтæ кæсыныл. Уæлдай  дæр та «Ногдзау». Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ  журнал сцымыдис кодта  ирд хуызджын нывтæй, аргъæуттæ æмæ рæсугъд æмдзæвгæтæй.   .

Абон Геор æмæ йæ хо Зæринæйæн фадат фæци журналы ног номыр бакæсынæн. Алы кары сывæллон дæр журналы сыфтыл ссардзæн зæрдæмæдзæугæ æрмæг. Ирон бæрæгбæттæ æмæ æгъдæутты тыххæй, æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ, таурæгътæ æмæ аргъæуттæ. Цæмæй æрмæг æнцондæрæй æмбарой сабитæ, уый тыххæй журналы фыст  сты иронау æмæ уырыссагау дæр. Уаниты Арсен дæр кæддæриддæр «Ногдзау»-мæ тынг æнхъæлмæ фæкæсы.

Сабитæн журналы ног номыртæ балæвар кодтой хæрзаудæн акцийы фæлгæты. Расидти  йæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Йæхи хардзæй мин экземпляры рафыста нæ республикæйы æххуысхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонты сабитæн. Уый канд сывæллæттæн  æхсызгон нæу, фæлæ сæ ныййарджытæн дæр. Бирæтæ дзы журнал сæ сабибонтæй  хъуыды кæнынц.

Нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министрады журналы номыртæ 12 администрадивон округыл адих кæнынц. Алы ран дæр сбæрæг кæнынц, журналтæ цы сабитæн  балæвар кæндзысты, уыдоны номхыгъд. Министрады специалисттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй Ногдзау  бакæсын кæй фæфæнды,  ахæмтæ алы хатт дæр бирæ разыны.

Мадæлон æвзагмæ сывæллæтты æмхицдæр кæнынмæ акци стыр æвæрæн кæй хæссы, уый дызæрдыккаг нæу. Уæрæхдæр кæнынц сæ зонындзинæдтæ ирон национ хъайтарты тыххæй. Нывтимæ дзырдуаты сабитæ базонынц Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойты  нæмттæ иронау, дыгуронау, уырыссагау, æмæ ныр та ма англисагау дæр. Ахæм хъæппæрис бахаста нæ республикæйы мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты  комитеты сæрдар Фидараты Юрий. Ома, сабитæ цас фылдæр æвзæгтæ зоной, уыйбæрц хуыздæр, зæгъгæ. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй журнал цæмæй цымыдисагдæр уа, ууыл æнæзивæгæй кусынц  йæ ног редактортæ Томайты Сергей  æмæ Сæлбиты Дианæ. Ацы акцийы руаджы та фылдæр сывæллæттæн ис фадат журнал бакæсынæн.

«Ногдзау» у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сабитæн сæрмагондæй уагъд иунæг журнал. Уымæ гæсгæ акцийы фæлгæты 100 экземпляры арвитынц Хуссар Ирыстоны сабитæн. Фидæны акци дарддæр дæр араздзысты.

 

Хуасдзауты Алинæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
25.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
25.09.2026
24.09.2026 I Тактика
24.09.2026
Женское предпринимательство I Бизнес сфера
24.09.2026
Итоги туристического летнего сезона, сборная России по вольной борьбе на сборах во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
24.09.2026
24.09.2026 I Подробнее
24.09.2026
24.09.2026 | Фæд
24.09.2026
24.09.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
24.09.2026
Дунеон Болливуды бон ӕмӕ зӕрдӕрард психолог | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
24.09.2026
Марат Тускаев | Истории из жизни
23.09.2026
Иосиф Тиникашвили | Дело мастера
23.09.2026
Безопасность без компромиссов | Среда влияния
23.09.2026
Доброе утро, Осетия! I 23.09.2026
23.09.2026
Ныхас — адæмы хъæлæс | Бæрнон ныхас
22.09.2026
Ирон æвзагыл фыст ауындзгæ хъусынгæнинæгтæ, Ардасенты Хадзбатры номарæн изæр æмæ артаджы уавæры тыххæй | Йæ рæстæгыл
22.09.2026
Алайнаг гимназы ахуыргæнджытæ | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.09.2026
Все рекомендуемое