Иу адӕймаг фӕмард, тӕрккъæвдайы рæстæг доны уылæнтӕ фæндагæй цы бæлцæттæласæн микроавтобус ахастой, уым.
Бæтæхъо æмæ Зилгæйы ‘хсæн уӕвгӕйӕ, фӕиртӕст фӕндагӕй ӕмӕ афӕлдӕхт. 15 адæймаджы æдас ранмæ ракодтой ирвӕзынгӕнджытӕ. Ӕххуыс кӕй бахъуыд, уыдонӕй дыууæ уыдысты сывæллӕттӕ. Уый тыххæй хъусын кæнынц æнæнхъæлæджы цауты управленийæ. Бафтаудзыстӕм ма уый, ӕмӕ микроавтобус цыд Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ.
















