Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ дарддæр дæттынц Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ. Абон 900 адæймаджы сæ зонындзинæдтæ бæрæг кодтой биологийæ, 400 иуæндæмкъласоны та фæсарæйнаг æвзæгтæй.
Уыдонæй 427-æй равзæрстой англисаг æвзаг. Зæгъын хъæуы, уый æмæ рауагъдонтæ фæсарæйнаг æвзаджы экзамен дæтдзысты дыууæ хайæ. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн биологийæ фыстой 3 сахаты æмæ 55 минуты. Æдæппæтæй йæм бахстой 28 хæслæвæрды. Фæсарæйнаг æвзагæй 40 хæслæвæрды баххæст кæнымæ ахуырдзаутӕн рахай кодтой 3 сахаты æмæ 10 минуты.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæры азты куыд уыд, афтæ ацы хатт дæр аудиториты ис видеоцæстдарды системæтӕ. Рауагъдонтæн пайда кæнæн нæй бастдзинады фæрæзтæй.
















