Сæрд Цæгат Ирыстоны нырма нæ буц кæны æнæфæцудгæ боныхъæдæй. Хъарм бонтæ къæвдатæй ивынц, уый фæстæ та ногæй фæстæмæ раздæхынц. Синоптиктæ бæрæг кæнынц, ацы аз температурæ у, цы температурæмæ æнхъæлмæ кастысты, уымæй ныллæгдæр у. Уарынты нымæц фæфылдæр 125%. Хæстæгдæр дыууæ боны нæ уыдзысты, фæлæ æнтæф дæр нæ уыдзæн.
Фæлæ ахæм боныхъæдимæ дæр тæвд бонтæ уыдзæн. Цыбыр рæстæгмæ дæр бæрзонд темепературæ ахады æппæт буарыл. Фæзынынц зæрдæйы-дадзинты, улæфæнты æмæ нервыты системæйыл. Уæлдай лæмбынæг кæсын хъæуы хи уаврмæ, æппынæдзух низтæ кæмæ ис, уыдонмæ, сывæллæттæм æмæ ацæргæ адæммæ.
Æнтæф бонтæ æрмæст æгæр тæвд кæныны тас нæ хæссынц. Хуры тынты бынмæ тагъд расайы сыгъд. Фылдæр хатт буар ссырх вæййы, райдайы дудын æмæ риссын, карздæр хъыгдард расайы тæппузтæм, рыст фæфылдæр вæййы. Уæззау цаутæ та домынц дохтырты æвæстиаты æххуыс. Уымæй уæлдай ультрафиолетæн йæ бон у пигментацимæ æркæнын æмæ цармы æвзæр низмæ расайын.
Фыдбылызтæй хызт не сты доны цур тæвдмæ йæхи чи ирхæфсы, уыдон дæр. Хи найын æдасдзинад нæ амоны. Уæлдай цæстард фæлладуадзæн бынæтты санитарон уавæрмæ. Лæугæ доны, уæлдайдæр хæмпæл кæрдæджы, гæнæн ис æмæ фæзыной паразитты хихтæ.
Тæвдæй хъахъхъæнын æрмæст адæмы нæ бахъæуы. Бæрзонд температурæ æвзæр ахады цæрæгойтыл дæр. Сырддоны архайынц, цæмæй цыппæркъахыг цæрджытæн сæхицæн фадат уа æнцонвадат уавæртæ равзарынæн. Вольерты ис аууон бынæттæ. Нуазыны дон та æппынæдзух ивгæ фæкæнынц.
Кæд æмæ сæрд тынг тæвд нæ рауад, уæддæр хицæн бæтты температурæ схизы бæрзонд бæрæггæнæнтæм. Уыцы рæстæг ахсджиаг у æрмæст прогнозмæ кæсын нæ, фæлæ ма хи æнкъарынадмæ. Рох кæнæн нæй, хуры бын цыбыр рæстæг дæр сайы æвзæр фæстиуджытæм.
















