Ивгъуыд аз республикæйы раззагдæр проектты райрæзтæн æнæбюджетон фæрæзтæй радих кодтой 31 млрд сомы бæрц. Уый тыххæй йæ телеграм каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло.
Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ фæзынд 835 куысты бынаты, фидæны уыдзысты 7 мины. Инвестпроекттæ æдæппæтæй сты фондз. Экономикон райрæзтæн ахсджиагдæр проект у хæххон-рекрацион курорт “Мамысон”. 2023-æм азы арæзтад йæ тæмæны бацыд. “Алани парк”-ы сцæттæ рæтæнвæндаг æмæ фæлгæсæн цалх. “Казачий хутор”-ы дыргъдæттæй систой хъæздыг тыллæг – 26 мин тоннæмæ ввахс. Фидæны куыстуаты хъомыс фæфылдæр уыдзæн афæдзмæ 50 мин тоннæйы онг. Ахсджиаг ма уый у, æмæ дзы 621 куысты бынаты, кæй фæзынд.
















