Экономикæйы хабæрттæ. Июны Цæгат Ирыстоны инфляцийы бæрæггæнæн, майы мæимæ абаргæйæ, фæкъаддæр 0,4%. Афæдзы инфляци та фæныллæгдæр ис 8,8% онг. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта Уæрæсейы банчы регионалон хайад. Уæдæ æргътæ дæр ацы мæй къаддæр схызтысты, ивгъуыд мæимæ абаргæйæ. Афтæмæй та сæрды райдианæй зынгæ фæзынаргъ сты алыхуызон лæггæдтæ. Зæгъæм, æхсæнадон транспорты фæндаггаг. Нæ фæасламдæр æхсæнадон хæрæндæтты хæринæгты æргъ дæр. Фæлæ сæм чи цæуы, уыдоны нымæц дæр, раздæрау, бирæ у, уый хыгъд туристты нымæц дæр.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 25 июлы Уæрæсейы банк ногæй фæныллæгдæр кодта бындурон процент æмæ ныр у 18% афæдзмæ. Æргъты иумæйаг бæрц та ууыл дзурæг у, æмæ бæрзонд бындурон ставкæ йæ архайды нысан сæххæст кодта. Кредитты нымæц фæкъаддæр, æмæ куыд фæстиуæг, афтæ товартæ æлхæныны архайд ивы, базарады домæнтæ хынцгæйæ.
















