Йæ цардæй ахицæн поæт, прозаик, тæлмацгæнæг, фысджыты æмæ нывгæнджыты Цæдисты уæнг Чеджемты Геор. Заманхъуйлаг лæппу схызт ирон аив дзырды бæрзæндтæм æмæ уыцы куыст кодта цæрæнбонтæм.
Йæ фыццаг радзырдтæ, аргъæуттæ æмæ `мдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты «Рæстдзинад»-ы фæрстыл, фыста «Æрыгон коммунист»-мæ, журналтæ «Мах дуг» æмæ «Ногдзау»-мæ. Йе `взаг – хъæздыг, ирд, нуарджын, йæ уацмыстæ бæрæг дардтой сæ ног фæлыстæй. Литературæиртасджытæй йæ бирæтæ барстой европæйаг дзырды дæснытимæ.
Йæ чингуытæ ныр дæр кадджын сты, Ирон театры сценæйыл та Чеджемты Георы уацмыстæм гæсгæ алы азты æвæрдтой адæмæн уарзон спектакльтæ.
















