Ахуыртæ муниципалон разамонджытæн аразынц абон æмæ райсом. Семæ кусынц Уæрæсейы адæмон академийы хæдзарады Стъарапъолаг хайады ахуыргæнджытæ. Уый уыди Битарты Вячеславы уынаффæ.
Курсыты райдайæн раныхас кодта нæ республикæйы сæргълæууæджы администрацийы разамонæг Челохсаты Рустем. Куыд загъта, афтæмæй Стъарапъолы минæвæрттæн ирыстойнæгтимæ æмгуыстад рагæй ис. Æмбырды уæвджытæм фæсидт, цæмæй сæ ахуыртæ рауайой ахадгæ. Сæйрагдæр нысан у иумæйаг хæстæ сбæлвырд кæнын æмæ сыл æмдыхæй бакусын. Уымæй аразгæ уыдзæн адæмы царды уавæртæ хорзырдæм аивыны хъуыддаг.
Бынæттон ахуырады сæргълæуджытæ раныхас кодтой вазыгджын фарстатыл. Программæйы руаджы æмæ се мкусджыты фæлтæрддзинады фæрцы уыцы зындзинæдтæ лыггонд æрцæудзысты. Ахсджиагдæр хъуыддагыл банымадтой, социалон фарстатæ алыг кæнынæн бюджеты æхца фаг кæй нæй, уый. Программæмæ гæсгæ цы зонындзинæдтæ райсдзысты, уыдон ныффидар кæндзысты практикон æгъдауæй.
















