Уæззау хабар. Йæ цардæй ахицæн Хъыбызты Фердинанд — троеборьейæ Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер, спорты æппæтадæмон къласы дæсны, троеборьейæ Уæрæсейы æртæ хатты чемпион.
Сергей Меняйло тæфæрфæс ракодта йæ бинонтæн. Сæргълæууæг фæбæрæг кодта, республикæйы цæрджыты зæрдæты кæй баззайдзæн куыд фæллойгæнаг, йæ равзæрст архайд æгæрон уарзт чи кодта, ахæм адæймагæй. Бæхты спорты райрæзтмæ стыр æвæрæн бахаста, куыд Ирыстоны, афтæ æгас Уæрæсейы дæр.
















