Боныхъæды аххосæй Арвыкомы фæндаг транспорты æппæт хуызтæн у æхгæд. Арæны сæрты ахизынмæ рады лæууынц 1187 уæзласæн хæдтулгæ æмæ 302 рог машинæйы. Шофыртæн æмæ бæлццæттæн кæнынц æппæт хъæугæ æххуыс. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад Арвыкомы фæндагыл байгом кодта хъармгæнæн пункт. Алагиры районы снысан кодтой уæлдæр цæттæдзинады фæтк. Метеослужбæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы хæххон районты тæссаг у миты зæйтæ рацæуынæй, уардзæн мит. Ивгъуыд къуырийы кæрон тыхджын дымгæйы аххосæй цалдæр хъæуы æнæ рухсæй баззадысты, хъыгдард баййæфтой хæдзæртты сæртæ дæр. Сергей Меняйло бабар кодта æппæт æвæстиаты службæты куыст фæтынгдæр кæнын.
“Хъæууон территориты цæрæнуæтты арæзтады райрæзты æмæ хæдзæртты хæрзвадаты æмвæзад уæлдæр кæныны” федералон программæйы фæлгæты республикæ райста субсиди 22,5 млн сомы. Фæрæзтæ радтой 9 бинонтæн, сæ бон суыдзæн цæрæнуæттæ балхæнын.
















