Йæ цардæй ахицæн Владимир Жириновский. Уый тыххæй фехъусын кодтой Паддзахадон Думæйы радон æмбырды. Уæрæсейы либералон демократон партийы разамонæг, паддзахадон Думæйы депутатæй æвзæрстгонд уыд аст хатты.
Йе мкусджытæ йын йæ ном æрхъуыды кодтой минут æдзæмæй алæугæйæ. Рæстæгмæ фракцийæн разамынд дæтдзæн æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Леонид Слуцкий. Владимир Жириновскийыл цыд 75 азы.
















