Ольгинскæйы цæрджытæ, Къæбойты бинонтæ зæххы куыст кæнын райдыдтой фарон аз. Сæ хæзары цур гранты фæрæзты руаджы сарæзтой хъæрмуат. Зайын дзы кæнынц экологон æгъдауæй сыгъдæг халсартæ. Хъæрмуæттыл йæ цæст ахаста не ‘сфæлдыстадон къорд дæр.
Къæбойты Мæдинæйæн йæ бон райдайы райсомы 4 сахатыл. Æрбахизы хъæрмуатмæ. Халсартæм æрвылбон йæ цæст дары. Æнæпайда æмæ уæлдай сыфтæ айсы. Джитъритæн сæ алы бын дæр куыд æмбæлы афтæ стухы, цæмæй хуыздæр рæзой. Стæй уæд цæттæ халсартæ æрæмбырд кæны. Æрвылбон ын бантысы 70 килæграммы онг джитъритæ æрæмбырд кæнын.
Къуыри иу хатт халсартæм бафтауынц, экологон æгъдауæй сыгъдæг чи у, ахæм сæрмагонд хъацæнтæ. Сæ руаджы халсартæ рынчын нæ кæнынц, стæй вæййынц хæрзад. Кæд Къæбойтæ хъæрмуæтты куыст афæдзæй фылдæр нæ кæнынц, уæддæр бирæ сусæгдзинæдтæ базыдтой. Пайда кæнынц сæрмагонд донпырхгæнæн системæйæ дæр. Æрдзон къæвдайау, дон халсартыл хауы æртахгай. Хъæрмуат Къæбойтæм фæзынд 2019 азы кæроны. Сарæзтой сын æй специалисттæ. Стæй сын уæд апрелы бантыст фыццаг мыггæгтæ ныссадзын.
Халсарты куыст райдайыны фадат бинонтæн фæци хъæууон-хæдзарадон гранты фæрæзты руаджы. Куыддæр фехъуыстой грант райсæн ис, зæгъгæ, афтæ сæ гæххæтытæ бацæттæ кодтой. Республикон бюджетæй сын рахай кодтой 900 мин сомы бæрц.
Къæбойты хъæрмуаты ис хъармгæнæн системæ дæр. Сарæзтой йæ сæхи хъарутæй. Уый фæрцы сæ бон у халсартæ афæдзы дæргъы зайын кæнын. Фидæны бинонтæ фæнд кæнынц сæ куыст фæуæрæхдæр кæнын æмæ ма иу ног хъæрмуат саразын. Ныр сæм æмбæлгæ зонындзинæдтæ дæр ис, цæмæй халсарты куыст æнтыстджынæй дарддæр кæной. Æмæ хæрзад, уыимæ ма экологон æгъдауæй сыгъдæг халсартæй нæ республикæйы цæрджытæ цух ма ’ййафой.
Хуасдзауты Алинæ
















