Æрыгон кафджыты къорд “Рыжий лев” бæрæг кæны юбилей. Хореографион иугондыл сæххæст 10 азы. Чысыл артисттæ сæхи æхсызгонæй цæттæ кодтой сæ юбилейон концертмæ. Къорды разамонæг у Мæскуыйы культурæй колледжы рауагъдон Габеты Любовь. Кафджыты къорд саразын уыд йæ бæллиц сабибонтæй фæстæмæ. Æмæ йæ сæххæст кодта.
Ныр кафын ахуыр кæны 250 сывæллоны. Сæ кармæ гæсгæ сты 3 азæй 16 азы онг. Кафджыты къорд арæх вæййы гастрольты, фæархайы алыхуызон конкурсты. Сæ репертуары ис 40 алыхуызон кафты – нырыккон, эстрадон æмæ Кавказы адæмты хæттыты кæфтытæ. Уыдонæй юбилейон концертмæ бацæттæ кодтой 26. Фидæны дæр фæнд кæнынц ноджы æнтыстджындæрæй архайын. Фæнды сæ спектакльты хуызы кæфтытыл бакусын.
















