Ансамль “Зæринæ”-йы æппæты кæстæр ахуырдзауыл цæуы 5 азы. Кудзаты Мæдинæ арæхстджынæй æххæст кæны алы фæзилæн дæр, фæлхат кæны йæ ахуыргæнæджы фæстæ. Чызджы хореографы ныхæстæм гæсгæ, йæ ахуыргæнинаг хистæр къорды сывæллæттæй æвзæрдæр нæ архайы. Сахуыр кодта дыууæ кафты.
Аив æмæ арæхстджын змæлд. Репетицийы куыд кæстæртæ, афтæ хистæртæ, се ‘ппæт дæр сæ арæхстдзинад не ‘вгъау кæнынц. Ам фæсивæд цæрынц аивадæй. 8 азмæ коллектив сæхи равдыстой алыхуызон ерысты. Уыимæ канд Ирыстоны нæ.
Кафтæн ис стыр нысаниуæг, у нæ истори, зæгъы ансамблы бындурæвæг æмæ разамонæг Хъайтмазты Мæдинæ. Йæ хъомылгæнинæгтимæ канд техникæйыл нæ кусы. Ахуыр сæ кæны нæ фыдæлты æгъдæуттыл. Ныридæгæн фæсивæд цæттæ кæнынц егъау программæ, баст уыдзæн Нарты кадджытимæ. Кафты радзурдзысты эпосы хъайтарты тыххæй. Уый тыххæй та сæрмагондæй бахуыйын кæндзысты костюмтæ. Проект сæххæст кæнын бантыст культурон хъæппæристы президентон фонды гранты æххуысæй. Концертон программæйы бацархайдзысты 50 сывæллоны.
Сæ ирд концерт равдисдзысты æртæ фæзуатыл. Дзæуджыхъæу, Беслæн æмæ Ольгинскæйы. Концерттæ райдайдзысты 21-æм июны. Уымæ гæсгæ, сывæллæттæн чысыл рæстæг йеддæмæ нал баззад, цæмæй сæхи бæстонæй бацæттæ кæной.
















