Цымыдисаг тохтæ, уыимæ ма бæрзонд æмвæзадыл. Афтæ ацыд ММА-йы чемпионат. Ерыстæ сарæзтой Ростовы. Уæлдай æхсызгон та уый у, æмæ командæты иумæйаг хыгъды Цæгат Ирыстоны спортсментæ систы уæлахиздзаутæ. Райстой 8 сыгъзæрин майданы æмæ зынаргъ лæвæрттæ.
21 боны дæргъы тренировкæтæ бон дыууæ хатты. Спортсментæ сæхи бæстонæй цæттæ кæнынц. Улæфты рæстæг дæр рахай кæнынц сæхицæн ММА богæлттæ йæ хорз зонынц, турнирты рæстæг сын ахæм гæнæн нæ уыдзæн.
Ростов æрбангом кодта бæстæйы 20 командæйы. Æдæппæтæй 170 спортсменæй фылдæры. Чемпионат цыд дыууæ боны. Нæ командæ бацахста фыццаг бынат. 18 богалы клуб «Арс»-ы хæзнадон фæхъæздыгдæр кодтой 8 сыгъзæрин майданæй. Уæвгæ, уæлахиздзаутæ тырныдтой 100 мин сомы приз рамбулынмæ. Æхцайы фæрæзтæ цæуыл бахардз кæндзысты, уый дæр зонынц.
Æмхæццæ хъæбысхæстытæй æпæтадæмон Федераци рæстæгмæ Уæрæсейы иугонд командæйы Дунейы æмæ Европæйы чемпионаттæй фæиппæрд кодта. Фæлæ лæппутæн сæ ныфс нæ асаст.
Богæлттæ фæстæмæ раздæхтысты сæ уарзон залмæ. Дарддæр — тренировкæтæ. Спортсментæ зæрдæ дарынц политикæйы ахадындзинад спорт кæй не ‘рсæтдзæн.
















