preloader
сейчас в эфире
09:10
БЕДНЫЕ РОДСТВЕННИКИ (10-ая СЕРИЯ) 16+
Смотрите Далее
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
АЛАНЫ В ТАВРИКЕ 12+
11:00
ГВАРДИЯ 12+
11:40
АМИГДАЛÆ 12+
12:20
КОНЦЕРТ ВИА "БОНВÆРОН" 12+
ТВ ПРОГРАММА
БЕДНЫЕ РОДСТВЕННИКИ (10-ая СЕРИЯ) 16+
close

Кодзырты Мария систа 110 килограммы æмæ бæстæйы юниорты ‘хсæн сси фыццаг

1.11.2025 18:41

Уæззау атлетикæ нæлгоймæгты спортыл нымад у. Фæлæ Мария ацы стереотипыл иуварс ахæцыд. Йæ дæнцæг ма суанг иннæ чызджыты дæр разæнгард кæны спорты бæрзæндтæм.

Æнæбары фезмæлд æмæ тасæн ам бынат нæй. Тыхджын ныфс, техникæ æмæ æвæллайгæ тренировкæтæ. Уæз æрмæст уæхсджытыл нæ, фæлæ зондыл дæр æрæнцайы. Иу уысммæ Мария 110 килæйы штангæ фелвæста. Ныр у Уæрæсейы чемпионкæ 20 азы онг юниорты ‘хсæн.

Ерыстæ ацыдысты иууыл бæрзонд æмвæзадыл. Æппæт дæр уыд иттæг хорз. Мидтыхст уыд, кæй зæгъын æй хъæуы. Уымæн æмæ дзы тынг рæсугъд атмосферæ уыд. Тынг æнахуыр. Тренировкæ кодтон æнæсцухæй. Уымæн æмæ йæ æмбæсрстон — рамбулын мæ хъæуы. Уæлахизы фæстæ мæ мотиваци зынгæ фæфылдæр.

Ахæм у 10 азы æнæрынцой архайды хатдзæг. Штангæ Мария сабийæ бауарзта. Йæ фыд æй æрбакодта спортивон клуб “Ковчег”-мæ. Уым йæхи 8 азы фæцæттæ кодта стыр уæз сисыны агъоммæ æмæ 15-аздзыдæй рамбылдта Европæйы ерысты сызгъæрин.

Уый тыххæй та дарддæр дæр — фæтк æмæ æнæрлæугæ хиуыл куыст. Æрвылбон дæр нысангонд æрцæуы пълан. Æмæ уый æнæ сæххæст кæнгæ никуы фæвæййы чызг. Уæзæвæрд къæпхæнгай фылдæр кæны травмæтæ ма ‘руадзыны тыххæй. Стæй хорз бæрæггæнæнтæ равдысынæн дæр.

Æнæмæнг уал уæнгтæ аивазын хъæуы 15-20 минуты. Æнæ уымæй штангæмæ хæстæг дæр нæ цæуын. Цæмæй травмæ ма уа. Уый фæстæ дæр уал фæлтæрæнтæ акæнын хъæуы. дарддæр ис штангæ исæн.

Бæстон архайд, æнæмæнг, уæлахизы нысан у. Фæлæ æввахс адæмæй ныфсы ныхæстæ фехъусын дæр æнæмæнг фæфæнды, зæгъы чызг. Ацы хъуыддаджы бузныг у йæ фыд æмæ йæ тренерæй.

Фыццаджыдæр мын ныфс дæтты мæ тренер. Йæ амынддзинæдтæ иууылæр — ахъаз. Сæ алкæцымæ дæр байхъусын. Мæ фыд дæр. Стыр бузныг ын. Кæддæриддæр мæ фарсмæ ис.

Уæззау атлетикæ нæлгоймæгты спортыл нымад у. Фæлæ Мария ацы стереотипыл иуварс ахæцыд. Йæ дæнцæг ма суанг иннæ чызджыты дæр разæнгард кæны спорты бæрзæндтæм.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
15.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
15.10.2026
Хетæгкаты Къостайы кадӕн I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
15.10.2026
Абдурасул Казаков I Дело мастера
14.10.2026
Профилактика терроризма среди молодёжи I Национальные интересы
14.10.2026
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
Психологы амынддзинæдтæ æмæ поэзийы тых I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Все рекомендуемое