Цæрджытæ рагæй цы хидмæ æнхъæлмæ кастысты, уый кадджын уавæры байгом кодтой хæдтулгæты каллоннæ. Бынаты – сæдæгай адæм, ацы бон алкæмæндæр сси æцæг бæрæгбон.
136 метры дæргъæн уаддзаг, дыууæ тæлмы, фæндагыл ис дыууæ цъарæй æвæрд асфальт, æнæмæнг, æппæт фæндаггон нысæнттæ, тротуартæ хъахъхъæнæн цæджындзтимæ. Асинтæ хиды бынмæ ныххизынмæ. Уæлдай æргом аздæхтой объекты дыууæ фарс бацæуæнтæм. Æппæт куыстытæн аргъ скодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ хицауады уæнгтæ. Фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, куыстытæм фиппаинæгтæ æрхæссæн нæй.
Терчы сæрты хид арæзт æрцыд 1972-æм азы. Æнусы æмбисæй фылдæр ахизæн иу кодта Ногир æмæ Михайловскæ. Уыцы æмгъуыдмæ хæдтулгæты змæлд зынгæ фæфылдæр. 2023-æм азы бынаты æрцыд æнæнхъæлæджы цау.
Ныппырх сты коммуналон службæты коммуникацитæ дæр. Бæллæхы рæстæг, амондæн, хъыгдæрд ничи баййæфта. Уыцы рæстæг бынатмæ хæстæг уыдысты паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ, специалисттæ æвæстиатæй æрæхгæдтой фæндаг.
Транспортон логистикæйы ахсджиаг фæндаг æнæнхъæлæджы кæй ныппырх, уый стыр зындзинæдтæ æрхаста шофыртæн. Хидыл цæуын чи уыд ахуыр, уыдоны ныр хъуыд æндæр фæндæгтæ агурын. Машинæтæ фылдæрæй фылдæр кодтой иннæ хæстæг районты, егъау уæз æрцыд Китайскы хидыл дæр. Адæмы фæндæгтыл райдыдтой зынгæ фылдæр рæстæг хардз кæнын.
Æнæнхъæлæджы цауы аххосæгтæ рабæрæг кæнынæн транспорты комитет фæхуыдта Воронежæй специалистты. Сæрмагонд иртæстыты фæстæ рахастой хид ныккалыны фæдыл уынаффæ, бацæттæ кæнын ацы бынаты ног фæндаг саразыны проектон-хыгъдон документаци. Цыбыр рæстæгмæ Сергей Меняйлойы æвæстиат архайды руаджы æдæппæтæй Цæгат Ирыстон хиды рацарæзтæн федералон бюджетæй райста 388 млн сомæй фылдæр финансировани.
Куыстыты рæстæг æппынкъаддæр дæс хатты бахъуыд Терчы донвæд ивын, фæуæрæхдæр æй кодтой, цæмæй цæджындзтæ хъыгдæрд мауал æрцæуой, уый тыххæй. Уæвгæ, специалисттæ фидарæй зæгъынц, ног хид уыдзæн æдас, алы цæджындзы дæр цыппæрдæсгай тоннæйы бетон анцойгæнæнтæ, ныффидар сæ кодтой 20 метры арфæн. Сæйраг нысан уыд саразын хæрзхъæд, дæргъвæтин рæстæг чи фæлæудзæн ахæм объект, уыцы нысан, фидарæй ис зæгъæн, нысангонд кæй æрцыд.
















