Фæндаггон инспекцийы постты нымæц Цæгат Ирыстоны хъæуы фæкъаддæр кæнын. Уый баст у, сæ куыст фæндаггон фыдбылызты нымæцыл кæй нæ ахады, уыимæ.
Хаттæй-хатт сæ куыстæй уæзласæн хæдтулгæтæн саразынц къуылымпыдзинæдтæ. Уый тыххæй Битарты Вячеслав ныхас кодта барадхъахъхъæнынадмæ цæстдарæн координацион советы æмбырды. Фембæлды ма архайдтой республикæйы хицауады уæнгтæ, районты разамонджытæ æмæ æххæстгæнæг оргæнты минæвæрттæ. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй амалхъом адæм æндæр регионтæй уæзæгтæ ласгæйæ æвзарынц зындзинæдтæ. Сæрмагондæй ныхас кодтой, Уæллаг Ларсæй Кировы районы Ираныхъæуы онг фæндагыл цы 8 посты ис, уыдоныл. Растдæр зæгъгæйæ, сæ куысты ахадындзинадыл. Гæнæн ис, æмæ сæ фæкъаддæр кæной. Республикæйы фæндаггон инспекцийы разамонæг Хуадонты Айвар раргом кодта статистикон бæрæггæнæнтæ.
Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, фæндаггон фыдбылызты нымæц 17 % фæфылдæр. Дзæуджыхъæуы афæдзмæ æрцыд 300 фæндаггон бæллæхы. Фæмард дзы 18 адæймаджы, 379-æй фæцæфтæ сты. Æмбырды Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй фæндаджы уагæвæрдыл хуыздæрырдæм фæзындзæн видеоцæстдарды системæтæй ифтонгад.
Уыцы хъуыддагæн радих кæндзысты 75 милуан сомы.
















