Ныхасæн баззад, зæгъгæ, дам, адӕймагӕн, йӕ царды ис ӕртӕ сӕйраг амонды: йӕ хъуыддаг, йӕ бынат ӕмӕ куырыхон зондамонджытӕ ссарын. Скъоладзаутæн Къорнаты Татьянӕ сси ахæм ахуыргæнæг, йӕ амынддзинæдтæ цӕрӕнбонтӕм баззайынц адӕймагимӕ. Йæ дæсныйады ис 60 азы, уыцы рæстæгмæ схъомыл кодта мингай ахуыргӕнинӕгтӕ. Ӕмӕ йӕм суанг бирæ азты фӕстӕ дӕр рауагъдонтӕ ӕрбацӕуынц: ӕнтыстытӕ равдисын, ӕххуыс ракурын æмæ сæ цард куыд рауад, уый тыххæй радзурынмæ.
Къорнаты Татьянӕйæн ацы ныхӕстӕ сты йӕ куыстӕн ахсджиаг аргъ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æцæг æнтыстдзинад боныджы бæрæггæнæнтæй нымайгæ нæу. Йæ домæнтæ уыцы иу рæстæг сты хуымæтæг æмæ карз: ахсджиаг у, йӕ ахуыргӕнинаг скъолайы къӕсӕрӕй цавӕр адӕймагӕй рацӕуы ӕмӕ азты фӕстӕ кӕмӕй ӕрыздӕхы, уый.
Хъысмӕт ын ӕндӕр фӕндӕгтӕ нӕ амыдта. Татьянӕ райгуырд, ахуыргӕнджыты фӕллой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕм цыд, ахӕм бинонты ‘хсӕн. Уымӕ гӕсгӕ йын педагогон куысты лыстӕг фӕзилӕнтӕ зонгӕ уыдысты сабийæ фӕстӕмӕ, йӕхӕдӕг фыццаг хатт фӕйнӕджы цур куы æрлæууыд, уымӕй бирӕ раздӕр.
7-ӕм скъолайы Къорнаты Татьянӕ ацыд егъау профессионалон фӕндагыл. Ам райдыдта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕгӕй, фæстæдæр сси директоры хæдивæг, стӕй та директор дӕр. Уыцы бынаты ис ныр 26 азы. Фӕлӕ йæ куысты фæткы раздæрау ахсджиагдæр сты уроктӕ, тетрӕдтӕ, скъоладзаутимæ хорз ахастдзинæдтæ æмæ комкоммæ ныхас — ӕнӕ уымæй йӕ кусгӕ бонӕн уӕвӕн нӕй.
Къорнаты Татьянæйæн йæ бирæ азты фæллойы тыххæй аккаг аргъ скодтой. Дыууын азы размæ йын радтой “Уӕрӕсейы сгуыхт ахуыргӕнӕджы” ном. Ацы аз августы та — республикӕйы бæрзонддæр хӕрзиуӕг: «Ирыстоны намысæн» майдан. Татьянӕ йӕхӕдӕг куыд зæгъы, афтæмæй хорзæхтæ фыццаджыдæр сты иу фæндагыл цы скъола ӕмӕ коллективимӕ цæуы, уыдоны куыстӕн аргъ.
Коллектив та ам ӕцӕг зæрдæхæлар у. Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ ӕвдӕм скъола у цардӕгас истори. Цӕуы йыл 125 азӕй фылдӕр. Дзӕуджыхъӕуы рагондæртæй иу. Абон ам ахуыр кӕнынц мин ӕмӕ ӕрдӕг сывӕллоны. Уыцы азты скъола федта бирӕ хъуыддæгтæ: дугты, фӕлтӕрты ивд, цалцӕг ӕмӕ рацарæзт. Фӕлӕ ам сӕйрагдӕр цы хъахъхъӕнынц, уый у уддзӕф. Ахуыргӕнӕгӕй скъоладзаумæ чи цӕуы ӕмӕ рӕстӕгимӕ чи нӕ бамынӕг вӕййы, ахӕм.
Скъолайы æнтыстытдзинæдтæ сӕхӕдӕг æвдисæн сты. Ам сывӕллӕтты къухы канд ахуыры нӕ бафты бæрæггæнæнтæ: уӕлахиздзаутæ свæййынц олимпиадӕты ӕмӕ конкурсты, архайынц ӕхсӕнадон царды, сӕхи ӕвдисынц алыхуызон къабӕзты. Уӕлахизты æмвæзад — горӕтӕй ӕппӕтуӕрӕсеон къæпхæнмæ. Ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххæй, æмæ скъола йæ ахуыргæнинæгтимæ цæры, рæзы, æмдзу кæны.
Ацы аз Татьянӕ уæгъд кæны директоры бынат. Фӕлӕ скъолайӕн ахуыргӕнӕг хӕрзбон нӕ зӕгъы. Абон у фарӕстӕм къласы къласы разамонӕг. Ӕмӕ дарддӕр кӕны, хуыздӕр цӕмӕ арӕхсы, уый: сывӕллӕттӕн сӕйраг къахдзӕф акӕнынӕн ӕххуыс кӕнын — хъомыл царды къӕсӕрӕй бахизын, аккаг ӕмӕ амондджын адӕм суӕвын.
Милдзыхты Амалия, Габолаты Виктория
















