preloader
сейчас в эфире
20:44
БИЗНЕС СФЕРА 12+
Смотрите Далее
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
ТАКТИКА 12+
22:15
ПРИНЦЕССА С СЕВЕРА (1,2-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
БИЗНЕС СФЕРА 12+
close

Куыд равзæрд Национ телеуынынад

1.12.2017 10:41

Телекомпанийы фæзындмæ тынг æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты æппæт Ирыстоны цæрджытæ, стæй фæсарæнты цы ирæттæ ис, уыдон дæр. Цæгат Ирыстоны хицауады уынаффæмæ гæсгæ, йæ саразыны тыххæй бадзырд фыст æрцыд 2016 азы августы.

Национ телеуынынады бæстыхайы арæзтадмæ бавнæлдтой ацы аз февралы, уый фæстæ йæ райдыдтой ифтонг кæнын техникон фæрæзтæй, фæдзырдтой кусджытæм. Уæдæй абонмæ кæд бирæ рæстæг нæ рацыд, уæддæр къухы бафтыд ахадгæ æмæ вазыгджын куыст бакæнын.

Нарты зæрватыкк йæ базыртыл æрхаста, бирæ рæстæг кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы хабар. Фыццаг хатт арвмæ стæхгæйæ маргъ йæ базыртæ куыд аивазы, афтæ йæ фыццаг къахдзæфтæ дæр акодта национ телеуынынад. Зæрватыкк та сси телеканалы нысан.
Куыст йæ тæмæны бацыд. Фæлæ уый нырма йæ райдайæн у. Нырыккон бирæфадатджын студитæ æххæстæй нæма кусынц. Нырма уал дзы банкъарæн ис ахорæнты æмæ аразæн æрмæджыты тæф. Специалисттæ кусæнгæрзтæ фидар кæнынц хъæугæ бынæтты. Уыцы хъуыддаг æнцон нæу. Сæ бынæттæ хъуамæ ссарой хызты 12 километры, 8 нымæцон камерæйы, 60 стыр цырагъы æмæ 22 микрофоны. Дыууæ студийы авналæнтæ уæрæх сты. Кусджытæ ма дзы бирæ гæнæнтæ раргом кæндзысты.

Зынтæй бауырнинаг у, фæлæ ацы ран афæдз размæ дæр ма фенæн уыди кæддæры заводы пырх къултæ. Заууатмæ æрцæуæг бæстыхайы фæзуаты сарæзтой, йæ фæзуат дыууæ мины æмæ 500 квадратон метры кæмæн у, ахæм телекомплекс. Ис дзы æмбал кæмæн нæй, ахæм инженерон æмæ техникон арæзтæдтæ. Се *ппæт дæр дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн.
Ам цæттæ кæнынц хабæрттæ. Эфирмæ бон цæудзысты 5 хатты. Кæд æнцон хъуыддаг нæу, уæддæр нæ нысан æххæст кæндзыстæм. Ацы бынат у стыр мыды чыргъæдау, алы адæймаг дæр зоны йæ хæстæ. Журналист у æппæтзонаг æфсæддоны хуызæн. Цæуы æрмæг исынмæ, фыссы тексттæ, йæхæдæг цæттæ кæны видеоæрмæджытæ.

Национ телеканалы ис 20 сæрмагонд проекты бæрц. Ныхас дзы цæуы царды ахсджиаг фарстатыл, сæ арæзтмæ æмæ сæ хъуыдымæ гæсгæ сты цымыдисаг. Æрыгон автортæ сæхиуыл нæ бацауæрстой. Цæмæй телевизормæкæсджыты зæрдæмæ фæцæуой, уый тыххæй бацархайдтой сæ арæхстдзинад æмæ сæ курдиат равдисыныл. Уæлдай хъусдард дзы цæуы национ программæтæм.

Национ телеуынынады фæзындмæ Ирыстоны рагæй æнхъæлмæ кастысты. Стыр проектыл куыст фæци тынг цыбыр рæстæгмæ. Æппæтæй дæр æххæст телеуынынад срæвдз ис афæдзы `мгъуыдмæ. Æмæ йын нырыккон бæрæггæнæнтæм гæсгæ ис егъау гæнæнтæ.

Гуыбаты Людмилæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Женское предпринимательство I Бизнес сфера
24.09.2026
24.09.2026 I Подробнее
24.09.2026
24.09.2026 | Фæд
24.09.2026
24.09.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
24.09.2026
Дунеон Болливуды бон ӕмӕ зӕрдӕрард психолог | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
24.09.2026
Марат Тускаев | Истории из жизни
23.09.2026
Иосиф Тиникашвили | Дело мастера
23.09.2026
Безопасность без компромиссов | Среда влияния
23.09.2026
Доброе утро, Осетия! I 23.09.2026
23.09.2026
Ныхас — адæмы хъæлæс | Бæрнон ныхас
22.09.2026
Ирон æвзагыл фыст ауындзгæ хъусынгæнинæгтæ, Ардасенты Хадзбатры номарæн изæр æмæ артаджы уавæры тыххæй | Йæ рæстæгыл
22.09.2026
Алайнаг гимназы ахуыргæнджытæ | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.09.2026
Отопительный сезон, кадетские классы, представители федерации планерного спорта России I Самое время
21.09.2026
Необычный опыт материнства I Доброе утро, Осетия!
21.09.2026
В итоге: 20.09.2026
20.09.2026
Все рекомендуемое