Æрмæст Кавказы нæ, фæлæ æгас Уæрæсейы парахат кæны тæрхъусы дзидза. Æмæ йын æлхæнджытæ дæр ис. Ацы сырдты хæдзары чи дары, уыцы адæмы нымæц гыццыл нæу. къабазы фæзынд амалхъом адæм дæр. Ацы цæрæгойтæ дарыны сусæгдзинæдтæ ныр 20 азæй фылдæр бæрæг кæны Куыдзеты Мамукъа. Ис æм хи хæдзарад дæр Заводы поселочы.
Куыдзеты Мамукъайы райсомы куыстытæ райдайынц йæ чысыл тæрхъусты фермæйæ. Зилы æмæ æфсады хъусой цæрæгойты. Æрмæст уый фæстæ ацæуы куыстмæ. Сабибонтæй нырмæ уарзы ацы хъусджын сырдты. Ныртæккæ ма сæ руаджы йæ бинонты дæр дары. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъуыды дæр нæ кæны, сæ хæдзары тæрхъустæ кæд нæ уыд, уый. Ныр 20 азы дæргъы кæны сæ куыст. Уыимæ ма цæрæгойты тыххæй алцыдæр зонын.
Куыдзеты Мамукъайы фермæйыис алыхуызон мыггæгты тæрхъустæ. Алкæмæ дæр сæ хъæуы æргом здахын.
Немыцаг ризен – æппæты стырдæр мыггаг. Хонынц ма йæ немыцаг уæйыг. Ацы тæрхъустæн сæ уæз 12 киллограмы онг вæййы. Зондджын æмæ коммæгæс сты. Хицаумæ дæр хъусынц.
Ацы хæрзхаст тæрхъус йæ ас, гæнæн ис, æмæ суа æстай сантиметры. Йæ хъустæ та фынддæс-ссæдз сантиметры. Ацы тæрхъусты мыггаг фæзынд æхсæрдæсæм æнусы Фландрийы. Нудæсæм æнусы та йæ апарахат кодтой Германийы. Ног цæрæнбынат сын ссардтой Ирыстоны дæр. Цæмæй сырдтæ ахæм хæрзхаст уой, уый тыххæй хъæуы сæрмагонд хæринæгтæ. Сæйрагдæр у – бæрц.
Ныртæккæ фермæйы ис фæндзай тæрхъусæй фылдæр. Уымæй дæр ма алы кары. Фермер сарæзта сæрмагонд хыгъд алы сырдæн дæр, æмæ дзы бæрæг кæны сæ алкæмæн дæр йæ кар, йæ хицæндзинæдтæ, йæ уæз, уыимæ ма лæппынтæ кæд рауадзæн уыцы рæстæг дæр. Ныртæккæ дæр сæ нымæцыл бафтыд. Рухс федтой æвддæс тæрхъусы.
Тæрхъусты бацагурынц æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ ма нæ бæстæйы иннæ регионты дæр. Зæгъæм арæх сæ арвиты Дагестан, Армени, Мæхъæл, Пятигорск æмæ æндæр бынæттæм. Фермер куыд зæгъы, афтæмæй сæ бирæггæйтæй æлхæнныц, уый ты ууыл дзурæг у, æмæ сæ дарддæр дæр кæй дардзæн æмæ парахат кæндзæн.
Хъараты Маринæ
















