Бирæфатерон хæдзæртты капиталон рацарæзты тыххæй ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны Парламенты, цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады комитеты æмбырды. Хæстæгдæр рæстæг парламенты цы радон æмбырд уыдзæн, уым депутатты рæгъмæ рахæсдзысты республикон программæ æххæст кæныны фарстатæ.
Профилон министрады разамонæг Тамайты Майрæн йæ хатдзæгты тыххæй бацæттæ кодта доклад. Куыд дзы нысангонд ис, афтæмæй бирæфатерон хæдзæртты рацарæзты программæ йæ тыхы бацыд 2007-æм азы. Уæд фæзынд «Цæрæнуæтты Коммуналон Хæдзарады рацарæзтæн æмархайды фонд» æмæ йæ хардзæй æххæстгонд цыдысты æмбæлгæ куыстытæ. 2008-æй – 2013-æм азмæ цалцæггонд æрцыдысты 600 хæдзары. Хыгъдмæ бахастой Дыгуры, Кировы æмæ Æрæфы районы цалцæггæнинаг хæдзæрттæ. 2014-æм азы райдыдтой, 2038-æм азмæ нысангонд чи у, уыцы программæйыл.
Уыцы хыгъдмæ та бахастой Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ иууылдæр, ныккæлынæввонг чи сты, уыдонæй уæлдай. Ныртæккæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, капиталонæй рацарæзтой 139 хæдзары. Хъуыддаг цæмæй рæза, уый тыххæй фылдæр æргом здæхт цæуы цæрджыты фиддонтæм. Хузыдæр сæ чи фиды, уыдоны ’хсæн ис Мæздæджы район æмæ Дзæуджыхъæу. Тамайты Майрæны ныхæстæм гæсгæ, æппындæр чи нæ фиды капиатлон рацарæзтæн, уыдоны ’хсæн та Æрæфы район ис. Хæсдарджытимæ цæуы сæрмагонд куыст. Ацы аз тæрхондонмæ бахастой 3 мин хъазтæй фылдæр.
















