Ирон æвзаг, культурæ æмæ æгъдæуттыл сывæллæтты ахуыр кæндзысты Урсдоны лагерь «Хохаг»-ы. Æртæ къуырийы фæсивæдимæ æвзагзонынадон-ахуырадон программæмæ гæсгæ кусдзысты фæлтæрдджын специалисттæ. Проектыл архайдтой къорд азты дæргъы, фæлæ йæ снысан кодтой ацы аз. Хъомылгæнджытæ æмæ сывæллæттæ сæхи куыд цæттæ кæнынц ног гæнæнтæм, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ.
Лагеры фыццаг бон. Бирæтæн ног бынат. Кæмæндæр та йæ алы къуым дæр зонгæ. Фæлæ се ‘ппæтæн дæр ног у иу хъуыддаг – æппæт ирхæфсæн мадзæлттæ дæр ирон æвзагыл. Зæгъæм, райсомæй физкультурæйы урок хуымæтæг нал уыдзæн. Амондзысты йæ иронау. Æмæ афтæ 18 боны.
Бонмæ ирон æвзаджы лекцитæ каст цæудзысты 3 хатты. Лагеры разамонæг Касаты Аслæнбегмæ æппæт хъæугæ ахуыргæнæн чингуытæ дæр сты. Фæлæ специалист куыд зæгъы, афтæмæй æвзаджы сусæгдзинæдтæ сывæллæттæн амонын хъæуы афтæ, цæмæй ма сфæлмæцой. Уый тыххæй та ахуырты фылдæр хай цæудзысты хъæзтыты хуызы.
Хъомылгæнджытæ сывæллæттæн дзурдзысты ирон æгъдауы тыххæй. Фæсивæд программæйæ сты разы.
Æвзагзонадон-ахуырадон проектыл архайдтой 2005 азæй нырмæ. Фæлæ йæ тыхы бацыд нырма ацы аз. Бакуыстой йыл фæллой æмæ социалон рæзты министрад æмæ фæсивæды æфсæддон патриотон хъомыладон центр.
18 боны фæстæ фæсивæд сæ æнтыстдзинæдты тыххæй радзурдзысты ирон филологийы ахуыргæнджытæ æмæ Стыр ныхасы уæнгтæн. Фæлæ ма фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ лагеры ахуыртæн æппæт уав\ртæ кæй нæй, уый. Лекитæ кæм кæсой, ахæм сæрмагонд бынат дзы нæй.
















